Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 29:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Рӕстудтӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд адӕм цин фӕкӕнынц, ӕнӕхуыцау хицауы бынат куы бацахсы, уӕд та хъӕрзгӕ кӕнынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 29:2
16 Iomraidhean Croise  

Фӕдисӕттӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты паддзахы бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы уынаффӕ фехъусын чындӕуыд Шушаны фидары. Паддзах ӕмӕ Аман куывды ӕрбадтысты, Шушаны сахар та схъомпал ис.


Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


цӕмӕй паддзахиуӕг ма кӕна ӕнӕхуыцау ӕмӕ адӕмӕн ахсӕн хыз ма феста.


Рӕстуд ӕнтыстджын куы вӕййы, уӕд сахар цин фӕкӕны; ӕнӕхуыцӕуттӕн се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд цины хъӕртӕ райхъуысынц.


Рӕстуды цинӕй алкӕй зӕрдӕ райы; ӕнӕхуыцау бӕрзонд бынатмӕ куы схизы, уӕд та адӕм ӕмбӕхсгӕ бакӕнынц.


Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс — ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны ’нгӕс у.


Ӕнӕхуыцӕуттӕ бӕрзонд бынатмӕ куы схизынц, уӕд адӕм бамбӕхсынц, се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд та рӕстудтӕ сбирӕ вӕййынц.


Барджынтӕ цы хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уыдонӕй мӕм иу тынг ӕвзӕр фӕкаст:


ӕдылыйы бӕрзонд сисынц, хъӕздыджы та ӕгады бынаты сӕвӕрынц;


Ӕз федтон, ӕфхӕрд адӕм куыд кӕуынц, уый, ничи сын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ се ’фхӕрджытӕ тыхджын сты.


Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.


Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд, ӕмӕ йемӕ — ӕгас Йерусалим дӕр.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan