Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 29:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Пехуымпартӕ рагуацтӕ куынӕуал фӕуынынц, уӕд адӕм, ӕфсарм цы у, уый ферох кӕнынц; Хуыцауы ’гъдау чи ӕххӕст кӕны, уый тӕхудиаг у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 29:18
21 Iomraidhean Croise  

Афтӕ фегад кодта Дунедарӕг Иудейы адӕмы, Израилы паддзах Ахаз се ’нӕуаг митыл кӕй бафтыдта ӕмӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нал уыди, уый тыххӕй.


алы бӕстӕтӕй — скӕсӕнӕй, ныгуылӕнӕй, цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй — кӕй ӕрӕмбырд кодта, уыцы адӕм.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Мӕ тыхсты сахат Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон, ӕмӕ мын Уый дзуапп радта.


Ӕз загътон: «О Дунедарӕг, фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз».


Дунедарӕджы къухы ис ӕхсидгӕ сӕны кӕхц, маст хъацӕнтӕй — йедзаг, ӕмӕ Уый ӕгас зӕххы ӕнӕхуыцӕуттӕн уыцы сӕнӕй бануазын кӕндзӕн йӕ бынтӕм.


Моисей федта: адӕм сӕхи фӕнд атардтой, ӕмӕ сын Аарон сӕ ных нӕ бакъуырдта, фӕлӕ сӕ фыдгулты цӕсты бафтыдта.


Хуыцауы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, йӕ цардвӕндагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уый та фесӕфдзӕн.


Цагъарӕн ӕрмӕст ныхӕстӕй зонд нӕ бацамондзынӕ, куы сӕ бамбара, уӕд дӕр сӕм йӕ хъус не ’рдардзӕн.


Уӕдӕ мӕм байхъусут, сабитӕ: мӕ фӕндӕгтӕ чи хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты!


Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.


Бирӕ адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.


Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».


Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.


Фӕлӕ ахӕм нӕу, сӕрибардӕттӕг ӕнаипп ӕгъдау чи иртасы ӕмӕ йыл чи хӕцы, уыцы адӕймаг. Цы хъусы, уый ӕрмӕст йӕ зӕрдыл нӕ дары, фӕлӕ ма йӕ ӕххӕст дӕр кӕны. Ахӕм адӕймаг тӕхудиаг уыдзӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.


Ӕвзонг Самуел Елиайӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кодта Дунедарӕгӕн. Уыцы заман арӕх нӕ хъуысти Дунедарӕджы ныхас, Йӕхи ӕргом кодта стӕм хатт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan