16 Ӕнӕхуыцӕуттӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд тӕригъӕд парахат кӕны, фӕлӕ сын рӕстудтӕ се сӕфт фендзысты.
цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна ӕлдӕрттимӕ, йӕ адӕмы уӕздӕттимӕ;
Ды — мӕ хъару, ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл; Ды — мӕ ныфсы мӕсыг.
Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау рӕзынц, ӕнӕхуыцӕуттӕ дидинӕг калынц, фӕлӕ уыдон фесӕфдзысты мыггагмӕ.
Раст Хуыцау йӕ цӕст дары ӕнӕхуыцауы хӕдзармӕ: ӕнӕхуыцауыл фыдбылыз ӕруадзы.
Рӕстудтӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд адӕм цин фӕкӕнынц, ӕнӕхуыцау хицауы бынат куы бацахсы, уӕд та хъӕрзгӕ кӕнынц.
Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».
Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.