Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 29:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 29:15
13 Iomraidhean Croise  

Йӕ фыд ын уайдзӕф дӕр никуы бакодта, цӕмӕн афтӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Адониа хӕрзконд лӕппу уыд, саджы фисынтыл амад кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм. Давидӕн райгуырди Авессаломы фӕстӕ.


Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


Сӕрды тыллӕг чи ӕмбырд кӕны, уый зондджын лӕппу у, хуымгӕрдӕн афон фынӕй чи кӕны, уый та — ӕдылы.


Мӕгуыр лӕджы хуымы дӕр бирӕ тыллӕг ӕрзайы, фӕлӕ галиу миты аххосӕй йӕ хорӕй ӕнӕхай фӕвӕййы.


Ӕдылыйы ныййарӕг — додойаг, зондцухы фыд цин нӕ кӕны.


Ӕдылы фыртыл йӕ фыд хъынцъым кӕны, йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


Дӕ фырты, цалынмӕ нӕма байрӕджы, уӕдмӕ ’фхӕргӕ кӕн, ма йӕ фесаф.


Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы, уӕд, цӕмӕй йе ’дылы зонд ныууадза, уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы.


Лӕппуйӕн раст фӕндаг куы бацамонай, уӕд дзы зӕрондӕй дӕр иуварс нӕ фӕзилдзӕн.


Дӕ лӕппуйӕн зонд бацамон ӕмӕ йыл мӕт нӕ кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн.


Цагъары йӕ сабийы бонтӕй буц куы дарай, уӕд дзы хорзӕй ницы рауайдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan