Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 29:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 29:12
15 Iomraidhean Croise  

Потифар йӕ усы ныхӕстӕ куы фехъуыста, дӕ цагъар мын афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, уӕд йӕ маст рафыхт.


фӕлӕ байхъуыста йе ’мгӕртты уынаффӕмӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕ фыд уыл уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕз та уын ӕй ноджы уӕззаудӕр фӕкӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та уӕ ӕфхӕрдзынӕн сындзджын ехсытӕй.


Фӕлӕ Израилы адӕм нӕ хъуыстой Хуыцаумӕ. Менассиа сын сӕ зонд сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдонӕй дӕр фыддӕр фесты.


Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй алы ’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.


Цӕгатаг дымгӕ йемӕ ’рбахӕссы къӕвда, мӕнгдзурӕджы ’взаг та — мӕсты цӕсгӕмттӕ.


Цедекиа, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы дзыхӕй цы ныхӕстӕ дзырдта, уыдонмӕ нӕ хъуыстой.


Ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Давидӕн хибарӕй зӕгъут: „Ды зоныс, паддзах дыл куыд ауды ӕмӕ дӕ йе ’ппӕт дӕлдӕртӕ дӕр куыд уарзынц, уый. Паддзахы сиахс дын ӕнӕ суӕвгӕ нӕй“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan