11 Ӕдылы йӕ маст нӕ уромы, куырыхон та йӕхиуыл хӕцын зоны.
Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары.
Зондджын йӕ зонынад ӕмбӕхсы, зондцух та йе ’дылыдзинад равдисы.
Уӕлзонд цӕры зондджыны зӕрдӕйы, ӕдылыты ’хсӕн бӕрӕг дары.
Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.
Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн.
Ӕмӕ йын уӕд йӕ сусӕгдзинад радзырдта: «Ӕз мӕ сӕрыхъуынтӕ никуы алвыдтон. Мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕз дӕн Хуыцауы назир. Мӕ сӕрыхъуынтӕ куы алвынон, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».