Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 28:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 28:8
13 Iomraidhean Croise  

Йӕ фысӕн та йын хъуамӕ цыппар аргъы бафида, уыцы ми кӕй бакодта ӕмӕ йын кӕй нӕ фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй».


Уӕдӕ ӕз дзӕгъӕлы архайдтон сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕрыныл, мӕ къухтӕ ӕназымӕй дарыныл?


Мӕ адӕмы мӕгуыртӕй искӕмӕн ӕвзист ӕфстау куы раттай, уӕд ӕй фылдӕрӕй, пайдайыл дӕттӕгау, ма бацагур.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.


Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.


Мӕгуыр лӕг йе ’фсымӕртӕн дӕр — ӕнӕуынон, йе ’мбӕлттӕ дзы сӕхи хизынц: куы сӕм фӕсиды, уӕд ӕрбайсӕфынц.


Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.


пайдайы охыл ӕфстау куы дӕтта, уӕд ахӕм куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Нӕ, уымӕн нӕй фӕцӕрӕн. Ахӕм ӕлгъаг митӕ чи кӕны, уый ӕнӕмӕнг амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕты аххосджын уыдзӕн йӕхӕдӕг.


йӕхи хизы мӕгуыры афӕливынӕй, пайдайы охыл ӕфстау нӕ дӕтты, ӕххӕст Мын кӕны Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мын нымайы Мӕ уагӕвӕрдтӕ, уӕд уый нӕ амӕлдзӕн йӕ фыды тӕригъӕды аххосӕй, ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни.


пайда райсыны охыл ӕфстау чи нӕ ратты, фӕлывд ми бакӕнынӕй йӕхи чи хизы ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн раст тӕрхон чи хӕссы,


Пайдайы охыл дзы мацы ис, тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Уадз ӕмӕ де ’фсымӕр дӕ разы цӕра.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan