7 Зондджын лӕппу Хуыцауы ’гъдау ӕххӕст кӕны, ӕнӕуагтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ фыды худинаг кӕны.
Йӕ фыды хӕдзар чи сафтид кӕны ӕмӕ йӕ ныййарӕг мады чи суры, уыцы лӕппу — ӕгад ӕмӕ фидиссаг.
Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды чи стигъы ӕмӕ, уым тӕригъӕдӕй ницы ис, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый абырджытӕн — се ’мбал.
Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.
Уӕлзонд чи уарзы, уымӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы; хӕтаг сылтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ хӕдзары исбон ныкъкъуыввитт кӕны.
Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый бамбырд кодта ӕмӕ йӕхи дард бӕстӕм айста. Уым ӕнӕуаг цард кодта ӕмӕ йӕ бынтӕ бахордта.
Фӕлӕ дын хъахбайтимӕ дӕ мулк чи бахордта, дӕ уыцы фырт та дӕм куыддӕр фӕзынди, афтӕ йын хӕрзхаст род аргӕвстай“.