6 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕг, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, ахӕм хъӕздыгӕй — хуыздӕр.
Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый раст фӕндагыл цӕуы; Дунедарӕгыл ӕлгъ чи кӕны, уый цӕуы галиу фӕндӕгтыл.
Фӕлтау дӕм иу чысыл исты уӕд, ӕмӕ раст фӕндагыл цу, цӕйнӕфӕлтау — хъӕздыг ӕфтиаг, фӕлӕ — тӕригъӕды фӕрцы.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕг ӕдылы фӕлитойӕ — хуыздӕр.
Адӕмы ’хсӕн иузӕрдыгдзинад кадджын у; мӕгуыр лӕг фӕлитойӕ — хуыздӕр.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уый ӕдас уыдзӕн, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕвиппайды ’рхаудзӕн.