28 Ӕнӕхуыцӕуттӕ бӕрзонд бынатмӕ куы схизынц, уӕд адӕм бамбӕхсынц, се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд та рӕстудтӕ сбирӕ вӕййынц.
Дунедарӕджы Кувӕндоны Иоас семӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы. Бӕстӕйы та уыцы заман паддзахиуӕг кодта Атали.
Паддзахы уынаффӕ алы бӕстӕтӕм, алы сахартӕм куыд хӕццӕ кодта, афтӕ иудейӕгтӕн йемӕ хаста рухс ӕмӕ циндзинад, куывд ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад. Паддзахады иннӕ адӕмтӕй дӕр бирӕтӕ иудейӕгты дин райстой, уымӕн ӕмӕ сыл тас бахӕцыди сӕ разы.
Мӕгуырты фӕндагӕй иуварс ассонынц, сӕхи сӕ бамбӕхсынц мӕгуыргуртӕ.
Рӕстуды цинӕй алкӕй зӕрдӕ райы; ӕнӕхуыцау бӕрзонд бынатмӕ куы схизы, уӕд та адӕм ӕмбӕхсгӕ бакӕнынц.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.
Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.
Рӕстудтӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд адӕм цин фӕкӕнынц, ӕнӕхуыцау хицауы бынат куы бацахсы, уӕд та хъӕрзгӕ кӕнынц.