26 Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уый ӕдылы у, уӕлзондыл фидар чи хӕцы, уый — ӕдас.
Хазаел бадис кодта: «Ау, ӕмӕ ӕз чи дӕн, цӕмӕй ахӕм хъуыддаг бакӕнон?» Елисей йын загъта: «Дунедарӕг мын раргом кодта, Арамы паддзах ды уыдзынӕ, уый».
Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».
Уӕлзонд-иу дӕ фервӕзын кӕндзӕн галиу фӕндӕгтӕй ӕмӕ сайӕгойтӕй;
Искуы, йӕхимӕ куырыхон чи кӕсы, ахӕм адӕймагыл сӕмбӕлдтӕ? Зондцухыл дӕр ма зӕрдӕ дарӕн фылдӕр ис.
Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕгыл ӕууӕнд, дӕхи зондыл дӕ зӕрдӕ ма дар.
Дӕхи цӕсты куырыхон ма у, Дунедарӕгӕй тӕрс, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз, —
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу.
уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст — уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.