17 Тугныккалды аххосджын чи у, уый йӕ мӕлӕты бонмӕ рахау-бахау фӕкӕндзӕн. Чи йӕ суазӕг кӕна, ахӕм адӕймаджы макуы ссарӕд!
Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».
Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.
Авессалом алыгъди. Хъалагъур лӕппу йӕ цӕст дардта ӕмӕ, хохы фахсыл цы фӕндаг уыди, уым дзӕвгар адӕм ӕрбацӕйцӕугӕ федта. Лӕппу паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йын ӕй фехъусын кодта.
Уый фӕстӕ йыл Йоавы хотыхдартӕ дӕсӕй амбырд сты ӕмӕ йӕ абамардтой.
Паддзах Соломонмӕ фӕхабар кодтой, Йоав, дам, Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны раз лӕууы. Соломон ӕм арвыста Йеходайы фырт Бенайайы, цу ӕмӕ йӕ амар, зӕгъгӕ.
Зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды лӕджы амардтай ӕмӕ ма йын йӕ фыдӕлтӕй цы хай баззад, ууыл дӕр ӕрбадинаг дӕ?“ Ноджы ма йын зӕгъ: „Куыйтӕ Навоты туг кӕм сдӕрдтой, уыцы ран сдӕрдзысты дӕ туг дӕр“».
Иезавелы тыххӕй та Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Куыйтӕ йӕ бахӕрдзысты Изреелы сахарӕн йӕ быруйы ӕдде.
„Ӕз федтон, знон Навоты ӕмӕ йӕ фыртты куыд амардтой, уый ӕмӕ сын сӕ туг райсдзынӕн ацы зӕххы хайыл“. Гъемӕ йӕ рахӕсс ӕмӕ йӕ баппар уыцы зӕххы хайыл, ӕмӕ Дунедарӕджы дзырд сӕххӕст уыдзӕн».
Барӕй, йӕ фыр налатӕй, чи амара искӕй, уый та амарын хъӕуы, Мӕ нывондхӕссӕны цур йӕ сӕр куы бафснайа, уӕддӕр.
хирвӕссон цӕстӕнгас, мӕнг ӕвзаг, ӕнаххосты марӕг къухтӕ,
Фӕлӕ Нетаниайы фырт Измаел аст лӕгимӕ Йохананӕй аирвӕзт ӕмӕ аммонӕгты зӕхмӕ алыгъди.
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».
Фӕлӕ исчи искӕмӕ знаджы зӕрдӕ куы дара, йӕ размӕ куы бабада, куы йыл фӕхӕст уа ӕмӕ йӕ куы амара ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы сахартӕй искӕцымӕ куы алидза,