8 Йӕ райгуырӕн къона чи ныууадзы, уый, йӕ ахстонӕй цы маргъ фӕхицӕн ис, уый хуызӕн у.
Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.
Каин рацыди Дунедарӕджы цурӕй ӕмӕ Едемы скӕсӕнварс Ноды зӕххыл цӕугӕцард кодта.
Фараон ӕй бафарста: «Исты хъуаг мӕм ӕййафыс, мыййаг? Цӕмӕн дӕ фӕнды дӕ фыдызӕхмӕ ацӕуын?» Хадад ын дзуапп радта: «Ӕз хъуаг ницӕмӕй ӕййафын, фӕлӕ дӕ уӕддӕр курын, ауадз мӕ».
Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»
Раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл ис, уый мӕрдты ’хсӕн йӕ бынат ссардзӕн.
Сырддонцъиу куыд апӕррӕст кӕны ӕмӕ зӕрватыкк куыд атӕхы, афтӕ дзӕгъӕл ӕлгъыст дӕр дӕ рӕзты ацӕудзӕн.
Хӕринагӕй чи фелгъӕд ис, уый мыды фӕзгъӕртӕ къахӕй ссӕнды, ӕххормагмӕ та маст дӕр адджын кӕсы.
Уымӕн ӕмӕ Арноны донуайӕнты цур моаваг чызджытӕ рауай-бауай кӕнынц, сӕ ахстонӕй кӕй раппӕрстой, ахӕм удаист лӕппын цъиутау.
Фӕлӕ Ионӕ сфӕнд кодта Таршишмӕ фӕлидзын, цӕмӕй Дунедарӕгӕй бамбӕхса. Ныццыдис Яффойы сахармӕ, Таршишмӕ чи цыд, ахӕм нау ссардта, ӕхца бафыста ӕмӕ наумӕ ныххызти, Дунедарӕгӕй йӕхи айсыны фӕндимӕ.
Алчидӕр баззайӕд, Хуыцау ӕм куы фӕсидти, уӕд цы уыди, уымӕй.
Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау.
Пехуымпар Гад загъта Давидӕн: «Мауал бад ацы фидары, Иудӕйы зӕхмӕ ацу». Давид араст ис ӕмӕ Хереты хъӕдмӕ бацыди.