6 Чи дӕ уарзы, уымӕн йӕ уайдзӕф дӕр — зӕрдиаг; ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уымӕн та йӕ батӕ дӕр — гӕды митӕ.
Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»
Мӕнг ӕвзаг ӕнӕуынондзинад ӕмбӕхсы; ӕдылы хахуыртӕ дыууӕрдӕм хӕссы.
Адӕймаджы йӕ цӕфтӕ фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕнынц, над йӕ зӕрдӕмӕ арф бахъары.
Хӕринагӕй чи фелгъӕд ис, уый мыды фӕзгъӕртӕ къахӕй ссӕнды, ӕххормагмӕ та маст дӕр адджын кӕсы.
Цурон ныхӕстӕ чи кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ уайдзӕфгӕнӕгӕй фӕбузныг вӕййынц фӕстагмӕ.
Ныййарджытӕ нӕ цыбыр рӕстӕджы дӕргъы ӕфхӕрдтой, куыд сӕм хуыздӕр касти, афтӕ; Хуыцау та нӕ нӕхи пайдайӕн бафхӕры, цӕмӕй уӕм Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын.
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.