Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 27:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дур уӕззау у, змис дӕр рог нӕу, фӕлӕ зондцухы митӕ — ноджы уӕззаудӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 27:3
12 Iomraidhean Croise  

Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ уыраугӕ маст, ӕлгъыст фӕуӕд сӕ хъӕхъхъаг уаг! Ӕз сӕ Йаковы фыртты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕз сӕ Израилы фыртты ’хсӕн байтаудзынӕн!


Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.


Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары.


Зондцухыл, йе ’дылы зонд куы рафыцы, уыцы рӕстӕг сӕмбӕлыны бӕсты фӕлтау, йӕ лӕппынты кӕмӕн амардтой, ахӕм арсыл сӕмбӕл.


Дӕхӕдӕг ма ӕппӕл дӕхицӕй, уадз ӕмӕ дӕ ’ндӕр исчи раппӕла.


Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?


Уӕд Навуходоносор Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негомӕ бынтондӕр смӕсты ис, йӕ цӕсгомы хуыз аивта ӕмӕ пец, куыд фӕсудзы, уымӕй авд хатты тынгдӕр бандзарын кодта.


Федта хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды, ӕмӕ Балаамы бын зӕххыл ныххуыссыд. Балаамӕн йӕ маст рафыхти ӕмӕ лӕдзӕгӕй ралӕууыд хӕрӕгыл.


Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan