23 Дӕ фысты нымадӕй зон, дӕ рӕгъӕуттӕм дзӕбӕх зил,
Йаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ сты, уый зоныс, ме ’лдар. Мӕ ногзад фыстӕ ӕмӕ хъуццытыл дӕр тыхсын: куы сӕ атӕрон, уӕд иу бонмӕ фӕцагъды уыдзысты иууылдӕр.
Мӕсгуытӕ сарӕзта ӕдзӕрӕг быдыры дӕр, ноджы скъахта бирӕ донуӕттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм уӕлвӕзты дӕр ӕмӕ дӕлвӕзты дӕр бирӕ фос уыди. Хӕхбӕсты ӕмӕ йӕм дӕлвӕзы уыди зӕхкусджытӕ ӕмӕ сӕндонгӕстӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы куыст уарзта.
Цы ’рцыд, уый ӕппындӕр ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй аздӕхт йӕ галуанмӕ.
Раздӕр уал дӕ кӕртмӕ базил ӕмӕ дӕ хуымты куыст бакӕн, уый фӕстӕ дӕхицӕн хӕдзар араз.
Ӕз кастӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, мӕнӕ цы федтон ӕмӕ бамбӕрстон:
О адӕмтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дард сакъадӕхтӕн фехъусын кӕнут, дзурут сын: «Израилы Чи ныххӕлиу кодта, Уый йӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ, фыййау йӕ дзуг куыд хъахъхъӕны, афтӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн».
Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй.
Сымах Мӕ фос стут, Мӕ уӕтӕры дзуг. Сымах адӕм стут сымах, Ӕз та уӕ Хуыцау дӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.
уӕд загъта: «Ацы ныхӕстӕ уӕ зӕрдыл бадарут ӕмӕ сӕ уӕ цотӕн амонут, цӕмӕй ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной.
сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй — Хуыцауӕн фӕндонӕй.
Давид адӕмимӕ цы ныхӕстӕ кодта, уыдон фехъуыста йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав. Йӕ маст ӕм рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Ардӕм цӕмӕн ӕрбацыдтӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ чысыл фысты дзуг кӕй ӕвджид бакодтай? Ӕз зонын, ды къӕйных ӕмӕ налат кӕй дӕ, уый. Дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хӕстмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдтӕ».