18 Легъуи бӕласмӕ чи зилы, уый йын йӕ дыргътӕй хӕрдзӕн, йӕ хицауыл чи тыхсы, уый та скадджын уыдзӕн.
Ма хъусут Езекиамӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах зӕгъы, мемӕ бафидаут ӕмӕ уӕхи раттут мӕ къухмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕра йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуитӕй, нуаза йӕ цъайы донӕй,
Иосафат бафарста: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ам исчи ис? Дунедарӕджы нын бафӕрсӕд». Израилы паддзахы дӕлдӕртӕй йын иу дзуапп радта: «Шафаты фырт Елисей ам ис, Илийайӕн ӕдзух кӕстӕриуӕг чи кодта, уый».
йӕхӕдӕг йӕ хицауы раз балӕууыд. «Кӕм уыдтӕ, Гиези?» — бафарста йӕ Елисей. «Дӕ цагъар йӕ къах ардыгӕй ӕддӕмӕ нӕ авӕрдта», — дзуапп радта Гиези.
Уӕдӕ Нееманы хъотырниз дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддагыл бахӕцӕд мыггагмӕ!» Ӕмӕ Гиези куыддӕр феддӕдуар, афтӕ йӕ буар иууылдӕр урс адардта хъотырӕй.
Скодта дарӕс Мардохейыл Аман, сбадын ӕй кодта бӕхыл ӕмӕ йӕ, бӕхы рохтыл хӕцгӕ, сахары фӕзмӕ раласта хъӕргӕнгӕ: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах афтӕ кад кӕны!»
Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты —
Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ.
Зондджын цагъар йӕ хицауы ӕнӕуаг фыртӕн хицау суыдзӕн, ӕфсымӕртимӕ исбон байуардзӕн.
Йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн, хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы.
Ӕфсӕн ӕфсӕны куыд цыргъ кӕны, афтӕ адӕм дӕр кӕрӕдзийы ӕнаипдӕр кӕнынц.
Цӕсгом доны куыд зыны, афтӕ дӕ зӕрдӕ дӕр искӕй зӕрдӕйы фендзынӕ.
Мӕнӕн мӕ сӕндон у мӕхи бар! Мин ӕвзист шекелы дӕу фӕуӕд, Соломон, фӕйнӕ дыууӕсӕдӕ шекелы та — дӕ сӕндондартӕн!
Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
Тӕхудиаг уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау, ӕрбаздӕхгӕйӕ, уыцы куыст ӕххӕстгӕнгӕйӕ кӕй ӕрӕййафа.
Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый иннӕтӕн уӕд лӕггадгӕнӕг;
Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.
Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?
Уый йын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион кӕй разындтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хицауӕй ӕвӕрын дӕс сахарӕн“.
Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа ӕмӕ, Ӕз кӕм дӕн, уый дӕр уым уыдзӕни. Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймагӕн Мӕ Фыд скад кӕндзӕн.
Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнелий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ.
Тауӕг ӕмӕ донхорыггӕнӕг иу хъуыддаг аразынц, ӕмӕ алчидӕр райсдзӕни йӕ хӕрзиуӕг, цас бакуса, уымӕ гӕсгӕ.
Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывӕндтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви?
Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?
Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн коммӕгӕс. Зӕрдӕ балхӕнынӕн сын цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут зӕрдиагӕй, Бардарӕгӕй тӕрсгӕйӕ.
Цы хор ӕрзад, уымӕй хай фыццаг хъуамӕ ӕрхауа, чи йыл фыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕгмӕ.
Цагъартӕ, нымайут уӕ хицӕутты ӕмӕ сын ут коммӕгӕс, стӕй, зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ӕвӕлмас чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ тызмӕгтӕн дӕр.
Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!