Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 27:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕфсӕн ӕфсӕны куыд цыргъ кӕны, афтӕ адӕм дӕр кӕрӕдзийы ӕнаипдӕр кӕнынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 27:17
21 Iomraidhean Croise  

фӕнды дымгӕ уром кӕнӕ дӕ армы сой нылхъив, фӕнды уый ӕрсабыр кӕныныл архай.


Легъуи бӕласмӕ чи зилы, уый йын йӕ дыргътӕй хӕрдзӕн, йӕ хицауыл чи тыхсы, уый та скадджын уыдзӕн.


Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.


Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.


Мариа уый куы фехъуыста, уӕд фестади ӕмӕ Йесойы размӕ атындзыдта.


цӕмӕй уыцы зынты сымахӕй мачи фӕцуда. Зынтӕ бавзарын нын нысангонд кӕй у, уый уӕхӕдӕг хорз зонут —


Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.


Уӕдӕ нӕ Бардарӕджы тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый ӕфсӕрмиагыл ма нымай, стӕй, ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мемӕ иумӕ тухӕн кӕн Фарны Уацы сӕраппонд.


Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ тухӕн кӕн мемӕ.


Кӕрӕдзиуыл ӕнувыд уӕм, кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм.


Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл,


Дӕ бардзырдтӕ, дӕ фӕдзӕхстытӕм дын чи нӕ хъуса, чи нӕ сӕ ӕххӕст кӕна, уый-иу мард ӕрцӕуӕд. Ӕрмӕст нын дӕхӕдӕг макуы фӕцуд, фидар лӕуу!»


Ноджы ма Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕг нын уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй радта, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы ризынц ӕрмӕст нӕ койӕ дӕр».


Уыцы рӕстӕг Саулы фырт Ионатан араст ис Хорешмӕ, Давидмӕ. Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар, зӕгъгӕ дзы ныфс бауагъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan