Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 27:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Зондджын у, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕ дӕ куыд райа, афтӕ, ӕмӕ уӕд, ме ’фхӕрджытӕн цавӕр дзуапп раттон, уый зондзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 27:11
14 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ уӕхи ӕрӕмбарут, паддзӕхтӕ, уӕхимӕ ӕрцӕут, зӕххон барджынтӕ!


Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.


Магуса йӕхимӕ, ахъуыдыгӕнгӕйӕ, дзуапп чи ратты, ахӕм авд лӕгӕй зондджындӕр кӕсы.


Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та ӕмраст йӕ фӕндагыл ацӕуы ӕмӕ ’фхӕрд баййафы.


Уӕлзонд чи уарзы, уымӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы; хӕтаг сылтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ хӕдзары исбон ныкъкъуыввитт кӕны.


Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме ’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.


Фыд нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ дӕ сывӕллӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый куы базыдтон, уӕд тынг бацин кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan