1 Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.
Ууыл Израилы паддзах Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ дзуапп ыл сӕмбӕлын кӕнут: дӕхицӕй-иу раппӕл хӕстмӕ цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ хӕстӕй здӕхгӕйӕ».
«Суанг ма ӕхсин-паддзах Естер дӕр, — дзырдта Аман, — йӕ фынгмӕ мӕн йеддӕмӕ никӕй фӕхуыдта. Райсом дӕр та йӕм паддзахимӕ хуынд дӕн.
Адӕмтӕ, сыстаут Дунедарӕджы, стаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!
Адӕймаг, фидӕны цы уыдзӕни, уый нӕ фӕзоны, стӕй йын ӕй чи радзурдзӕн?
Сидынц: «Цомут ӕмӕ абон дзӕбӕх нынцъухӕм сӕн ӕмӕ махсымӕ, райсом та дзы ноджы хуыздӕр фӕкӕсдзыстӕм нӕхимӕ!»
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: «Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон». Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон.
Канд дӕу нӕ, фӕлӕ ӕгас Израилы дӕр Уый филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн. Райсом ды дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр февзӕрдзыстут, ӕз кӕм дӕн, уым. Израилы ӕфсад та филистимӕгты къухмӕ ратдзӕни Дунедарӕг».