7 Къуылых лӕгӕн йӕ къахайст ӕмраст куыд нӕу, афтӕ ’мбисӕндтӕ дӕр зондцухы ’взагыл нӕ фидауынц.
Ды ’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ, змӕнтӕг адӕмты.
Ӕдылыйыл хиппӕлой ныхӕстӕ нӕ фидауынц, уӕзданыл та — мӕнг ныхӕстӕ.
Фӕнды дӕ къӕхтӕ сӕ рӕбынӕй алыг кӕн кӕнӕ фыдбылызы бахау, фӕнды дӕ хъуыддаг ӕдылыйӕн бабар кӕн.
Фӕнды дурӕхсӕныл дур бабӕтт, фӕнды ӕдылыйӕн кад кӕн.
Фӕнды расыггӕнаг какон сындзыл ныззӕгӕл уӕд, фӕнды зондцух ӕмбисӕндтӕ хӕссӕд.
Йесо сын загъта: «Сымах Мын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕмбисонд ӕрхӕсдзыстут: „Дохтыр, Дӕхи уал сдзӕбӕх кӕн“. Ноджы ма Мын зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цытӕ сарӕзтай, уый, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ ам, Дӕхи сахары дӕр, сараз“.