4 Ӕдылыйӕн зондцухау дзуапп ма дӕтт, науӕд дӕхӕдӕг дӕр уый хуызӕн суыдзынӕ.
фӕлӕ байхъуыста йе ’мгӕртты уынаффӕмӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕ фыд уыл уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕз та уын ӕй ноджы уӕззаудӕр фӕкӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та уӕ ӕфхӕрдзынӕн сындзджын ехсытӕй.
Израилы адӕм куы федтой, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цы ма нын ис иумӕйагӕй Йессейы фыртимӕ? Ныххӕлиу ут уӕ цатыртӕм, Израилы адӕм! Ныр сӕ мыггаг сӕхи бар уӕд Давиды байзӕддагӕн!» Ӕмӕ Израилы адӕм аздӕхтысты сӕ цатыртӕм.
Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.
Зондцухӕн мацы дзур — дӕ зондджын ныхӕстыл дын ӕрмӕст фӕхуддзӕнис.
Ӕдылыйӕн дзуапп ратт ӕнӕзондау, науӕд йӕхимӕ зондджын кӕсдзӕн.
Куырыхон ӕдылыимӕ быцӕу куы фӕкӕны, уӕд хъӕр ӕмӕ хынджылӕгӕй уӕлдай ницы фӕхъусы, пайда та дзы ницы вӕййы.
Иууылдӕр ӕм хъуыстой ӕнӕ хъыпп, ӕнӕ сымӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ.
Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.
Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.
Стырзӕд Михаел Моисейы буары тыххӕй хӕйрӕгимӕ куы фӕбыцӕу ис, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, ӕфхӕрӕн ныхас ӕм не скодта, ӕрмӕстдӕр ын загъта: «Хуыцау дын Йӕхӕдӕг бауайдзӕф кӕнӕд!»