27 Уӕрм чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххаудзӕн; дур чи тулы, уый йӕхӕдӕг йӕ быны фӕуыдзӕн.
Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.
Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.
Мӕнӕ фыдгӕнджытӕ айвӕзтой се ’рдын, фат ӕрбавӕрдтой ӕрдынбосыл — талынджы рӕстзӕрдӕты фехсынӕн.
Ӕмӕ ӕз ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй Сионы чызджы кулдуары раз, цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.
Раст адӕймаджы галиу фӕндагмӕ чи сайы, уый йӕхи къӕппӕджы бахаудзӕн, сыгъдӕгзӕрдӕ та схайджын уыдзӕн фарнӕй.
Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.
Дзыхъхъ чи къахы, уый дзы, гӕнӕн ис, йӕхӕдӕг дӕр аирвӕза; зӕронд къултӕ чи пырх кӕны, ууыл, чи зоны, калм фӕхӕца.
Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.
Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.