26 Йе ’нӕуынондзинад цурон митӕй ӕмбӕхсы, фӕлӕ уӕддӕр йӕ хӕрам адӕмы раз раргом уыдзӕн.
Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ фӕдзырдта. Быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ йӕ кух систа ӕмӕ йӕ амардта.
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый ӕдас у, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕфхӕрд баййафдзӕн.
Афтӕ сымах дӕр: уе ’ддаг бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй йедзаг стут.
Уымӕн ӕмӕ ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма раргом уа, афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма рахъӕр уа.
Саул Давидӕн загъта: «Мӕ хистӕр чызг Меравы дын ратдзынӕн. Ӕрмӕст мын ӕхсарджын у ӕмӕ Дунедарӕджы хӕстыты архай». Йӕхинымӕр та дзырдта: «Мӕхи къухӕй нӕ, фӕлӕ филистимӕгты къухӕй амӕлӕд».
Саул ахъуыды кодта: «Цӕй ӕмӕ йын раттон мӕ чызджы. Уый йын уыдзӕни къӕппӕг, ӕмӕ филистимӕгты къухӕй амӕлдзӕн». Саул загъта Давидӕн: «Ныр мӕ сиахс бауыдзынӕ».