Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 26:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Кӕд йӕ ныхӕстӕ ’хсызгон сты, уӕддӕр ыл ма баууӕнд, — йӕ зӕрдӕйы авд фыдвӕнды ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 26:25
11 Iomraidhean Croise  

уӕд мӕм Санбаллат ӕмӕ Гешем ӕрбарвыстой, рацу ӕмӕ, дам, Онойы дӕлвӕзы хъӕутӕй иуы фембӕлӕм: мӕнӕн исты фыдбылыз саразыны фӕнд сӕм уыди.


Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?


Дунедарӕджы хъӕлӕс денджызты сӕрмӕ ныййазӕлыд, цытджын Хуыцау ныннӕрыди, Дунедарӕджы хъӕлӕс бӕстӕ ныццарыдта дӕтты сӕрмӕ.


Ӕлыгӕй конд дурын ӕвзистӕй куы саив кӕнай, раст уый ӕнгӕс сты саузӕрдӕйы уарзӕгой ныхӕстӕ.


Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.


Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн.


Уӕд уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“, — ма уӕ бауырнӕд.


Саул Давидӕн загъта: «Мӕ хистӕр чызг Меравы дын ратдзынӕн. Ӕрмӕст мын ӕхсарджын у ӕмӕ Дунедарӕджы хӕстыты архай». Йӕхинымӕр та дзырдта: «Мӕхи къухӕй нӕ, фӕлӕ филистимӕгты къухӕй амӕлӕд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan