24 Знаджы ныхас — цурон, йӕ зӕрдӕйы та хин ӕмбӕхсы.
Йаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.
Авессалом ма йын загъта: «Уӕд та ме ’фсымӕр Амнон рацӕуӕд немӕ». Паддзах ӕй фӕрсы: «Цӕй тыххӕй хъуамӕ ацӕуа демӕ?»
Фӕлӕ йӕм Авессалом ныххатыди, ӕмӕ уӕд паддзах йӕ иннӕ фырттимӕ Амноны дӕр ауагъта.
Йоав Амасайы фӕрсы: «Куыд дӕ, ме ’фсымӕр?» — ӕмӕ йын рахиз къухӕй йӕ боцъомӕ бавнӕлдта, цыма йын ба кодта, афтӕ.
уӕд мӕм Санбаллат ӕмӕ Гешем ӕрбарвыстой, рацу ӕмӕ, дам, Онойы дӕлвӕзы хъӕутӕй иуы фембӕлӕм: мӕнӕн исты фыдбылыз саразыны фӕнд сӕм уыди.
Ӕнӕхъуаджы фӕндтӕ кӕдмӕ кӕндзынӕн, бон-сауизӕрмӕ кӕдмӕ рисдзӕн мӕ зӕрдӕ? Ме знаг мӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕдмӕ кӕсдзӕни?
Дунедарӕджы хъӕлӕс денджызты сӕрмӕ ныййазӕлыд, цытджын Хуыцау ныннӕрыди, Дунедарӕджы хъӕлӕс бӕстӕ ныццарыдта дӕтты сӕрмӕ.
Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ, цӕуыл у дӕ сагъӕс? Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.
Мӕнг ӕвзаг ӕнӕуынондзинад ӕмбӕхсы; ӕдылы хахуыртӕ дыууӕрдӕм хӕссы.
Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты, раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.
Цӕсгомджын адӕймаг рӕстдзинад дзуры, мӕнгӕвдисӕнӕн йӕ ныхӕстӕ мӕнгард сты.
Фыдвӕндгӕнӕджы зӕрдӕйы — мӕнгарддзинад, фидауынгӕнджытӕм — циндзинад.
Раст адӕймаг хъуыды кӕны рӕстдзинадыл, ӕнӕхуыцау та фыдвӕндтӕ аразы.
Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.
Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг.
Саул Давидӕн загъта: «Мӕ хистӕр чызг Меравы дын ратдзынӕн. Ӕрмӕст мын ӕхсарджын у ӕмӕ Дунедарӕджы хӕстыты архай». Йӕхинымӕр та дзырдта: «Мӕхи къухӕй нӕ, фӕлӕ филистимӕгты къухӕй амӕлӕд».