Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 26:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Тӕвдӕн — ӕвзалы, артӕн — сугтӕ, загъдӕргом та — загъд къахынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 26:21
8 Iomraidhean Croise  

Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!»


Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕм иууылдӕр базыдтой, Йоровам Мысырӕй кӕй ӕрбаздӕхт, уый, фӕдзырдтой йӕм се ’хсӕнады ӕмбырдмӕ ӕмӕ йӕ спаддзах кодтой сӕхицӕн. Паддзах Давиды байзӕддагыл ма иузӕрдионӕй баззад ӕрмӕстдӕр Иудӕйы хӕдзарвӕндаг.


Рӕхцгӕ ӕмӕ фынӕй нӕ кӕны Израилы хъахъхъӕнӕг.


Ӕнӕуынондзинад хъаугъа расайы, уарзондзинад алы тӕригъӕд дӕр бары.


Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.


Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.


уымӕн ӕмӕ, ӕхсыр куы цӕгъдай, уӕд дзы нӕлхӕ ’взӕры, фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг ракӕлы, маст куы сзынг кӕнай, уӕд та ссудзы хӕрамдзинад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan