20 Ӕнӕ сугӕй арт ахуыссы, ӕнӕ дам-думтӕй хъаугъа банцайы.
Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы, дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты.
Ӕдзӕсгомы куы атӕрай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, загъд ӕмӕ ’лгъыст басабыр уыдзысты.
Дам-думты ныхӕстӕ цыбӕйлаг хӕйттау адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн дӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ йӕ цард макӕмӕн аскъуын. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Афтӕ ӕвзаг дӕр: хӕрз гыццыл уӕнг у, фӕлӕ йын тынг бирӕ ӕнтысы. Кӕс-ма, хӕрз гыццыл зынгӕй цы стыр арт сирвӕзы!
Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дунейы ӕнгӕс. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ фӕчъизи кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы не ’ппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй ссудзы.