19 уый ӕнгӕс у, йӕ хионы сайгӕйӕ, афтӕ чи дзуры: «Ӕз ӕрмӕстдӕр хынджылӕг кодтон».
Ӕдылы чъизи митыл цин кӕны, зондджын та — уӕлзондыл.
Ӕдылытӕ худынц тӕригъӕдтӕ сыгъдӕггӕнӕг нывондыл, фӕлӕ цӕсгомджын адӕм Дунедарӕджы хорзӕх райсдзысты.
Зондцух йе ’дылы митыл цин кӕны, зондджын раст фӕндагыл цӕуы.
Хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу — сайӕн ныхас ма схауӕд дӕ дзыхӕй.
Стӕй уыл фыддзых, дзӕгъӕлдзырд ӕмӕ ӕнӕуаг хъазӕн ныхӕстӕ дӕр нӕ фидауынц, уый бӕсты арфӕ кӕнут Хуыцауӕн.
Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се ’рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъӕгтӕ ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд.