11 Куыдз йӕ омдзӕгтӕм куыд раздӕхы, афтӕ зондцух дӕр йе ’рра митӕ нӕ фӕуадзы.
Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.
Зӕгъдзынӕ: «Надтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти, хостой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон, куы фӕфынӕй кӕнон, уӕд та ногӕй нозтагур зилдзынӕн».
Ӕнӕзӕндты кӕнӕ кӕйфӕнды дӕр куыстмӕ чи исы, уый у, фӕд-фӕдыл се ’ппӕты дӕр чи ӕхсы, уыцы фатӕхсӕджы ’нгӕс.
Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай, уӕд дӕр дзы йе ’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.
Сӕ фынгтӕ ӕлгъаг омдзӕджы бын фесты — сыгъдӕг бынат нал баззад.
Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».
Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ» ӕмӕ: «Хуы ӕхсад куы ’рцӕуа, уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн».