1 Сӕрдыгон мит куыд нӕ хъӕуы, хуымгӕрдӕн афон — къӕвда, зондцухӕн дӕр кад кӕнын афтӕ нӕ фидауы.
Ацыди Хатах Мардохеймӕ сахары фӕзмӕ, галуаны къӕсӕргӕронмӕ.
Ӕрбаздӕхти Хатах ӕмӕ Естерӕн Мардохейы ныхӕстӕ рафӕзмыдта.
Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды зондамонӕн псалом.
Ӕдылыйыл хиппӕлой ныхӕстӕ нӕ фидауынц, уӕзданыл та — мӕнг ныхӕстӕ.
Ӕдылыйыл нӕ фидауы фырхъӕздыгдзинад, цагъар ӕлдӕрттӕн хицау суа, уый та — уӕлдайдӕр.
Бӕхӕн — ехс, хӕрӕгӕн — идон, ӕдылыйы рагъӕн та — уис.
Фӕнды дурӕхсӕныл дур бабӕтт, фӕнды ӕдылыйӕн кад кӕн.
Бӕстӕйы хицау цас ӕдылыдӕр уа, уыйас адӕмы фылдӕр ӕфхӕры, фӕлӕ кӕрӕфдзинад ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый хицауиуӕг бирӕ кӕндзӕн.
Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!
Йотамӕн уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд Геризимы хохы сӕрмӕ ссыди ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Байхъусут мӕм, шехемӕгтӕ, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр уӕ куывд фехъусдзӕн!