Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 25:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Арвы бӕрзӕндты, зӕххы арфы ӕмӕ паддзахы зӕрдӕйы цы ис, уый зонд нӕ ахсы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 25:3
8 Iomraidhean Croise  

Хуыцау Соломонӕн балӕвар кодта куырыхондзинад, бирӕ зонындзинӕдтӕ, стыр зонд — денджызы был цы змис ис, уыйау ӕнӕнымӕц.


Ӕфсадынц донӕй ӕппӕт быдираг сырдты, хъӕддаг хӕрӕг суадзы йӕ дойны.


Кадджын у Хуыцау — сусӕгтӕ ’мбӕхсӕг, цытджын у паддзах — сусӕгдзинӕдтӕ сгарӕг.


Ӕвзист ссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ зӕрингуырд мигӕнӕн сараздзӕн;


Зӕххы сӕрмӕ арв цас бӕрзонд у, уый бӕрц бӕрзонддӕр сты Мӕ гӕнӕнтӕ дӕр сымах гӕнӕнтӕй, Мӕ хъуыдытӕ та — уӕ хъуыдытӕй.


«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».


нӕдӕр уӕлӕрвтӕ, нӕдӕр дӕлзӕхх, — сфӕлдыст дунейы ахӕмӕй ницы разындзӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау махӕн цы уарзт равдыста, уымӕй нӕ ӕнӕхай фӕкӕнын чи бафӕраза!


Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan