26 Ӕнӕхуыцауы раз фыр тӕссӕй чи ризы, уыцы рӕстуд у чъизи донгуырӕны, змӕст суадоны ’нгӕс.
Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ фӕдзырдта. Быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ йӕ кух систа ӕмӕ йӕ амардта.
«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.
Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!
Бардарӕг Йесойы дӕр ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейӕгтӕ амардтой, мах та фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты.
Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.