Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 25:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Дойныйӕ чи мӕлы, уымӕн уазал дон нуазын куыд ӕхсызгон у, афтӕ ’хцон у хорз уац дард бӕстӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 25:25
21 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Йосефы ныхӕстӕ сӕ фыд Йаковӕн куы рафӕзмыдтой, стӕй, йӕ раласыны тыххӕй Йосеф цы уӕрдӕттӕ сӕрвыста, уыдон куы федта, уӕд фӕныфсджындӕр ис.


Давид дойныйӕ марди ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, Вифлеемы кулдуары цур цы цъай ис, уырдыгӕй мын исчи дон куы ӕрбадавид!»


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой». Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


Рухс цӕстӕнгас зӕрдӕйӕн цин хӕссы, хорз уац лӕджы стӕгвидар кӕны.


Ӕнӕхуыцауы раз фыр тӕссӕй чи ризы, уыцы рӕстуд у чъизи донгуырӕны, змӕст суадоны ’нгӕс.


Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац, цины уац ӕмӕ сӕрибары уац чи хӕссы, уымӕн! Сионӕн зӕгъы: «Дӕ Хуыцау дӕ Паддзах у!»


«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.


Ливаны хӕхтӕй искуы мит фесӕфы? Хӕххон суадӕттӕ, уазал цӕугӕдӕттӕ искуы байсыстысты?


Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.


Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ бануазӕд.


Ӕмӕ куыд фехъусын кӕной, куынӕ сӕ арвыстӕуа, уӕд? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, Фарны Уац чи хӕссы, уымӕн!»


Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн.


Израилы адӕм дӕр уыцы хабарыл бацин кодтой ӕмӕ Хуыцауӕн раарфӕ кодтой. Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгты ныхмӕ схӕцыны фӕнд аивтой ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ гӕныстон кӕнынмӕ нал бавнӕлдтой.


Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн.


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan