2 Кадджын у Хуыцау — сусӕгтӕ ’мбӕхсӕг, цытджын у паддзах — сусӕгдзинӕдтӕ сгарӕг.
Уӕд Давид хабархӕссӕг лӕппуйы бафарста: «Цӕмӕй зоныс ды Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны амӕлӕты хабар?»
Паддзах ӕй бафарста: «Йоав ницы бар дары ӕппӕт адӕттӕм?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах цӕра, цыдӕриддӕр зӕгъай, уымӕй нӕдӕр рахизмӕ, нӕдӕр галиумӕ ис аздӕхӕн. Ӕцӕгдӕр мын дӕ дӕлдӕр Йоав бафӕдзӕхста афтӕ бакӕнын, ӕппӕт ацы ныхӕстӕ уый бацамыдта дӕ цагъарӕн,
Рафӕлдахын кӕн дӕ фыдӕлты зӕрдылдарӕн хабӕртты чиныг ӕмӕ дзы бакӕсдзынӕ, Йерусалим, змӕнтгӕ чи кӕны, паддзӕхтӕн дӕр ӕмӕ бӕстӕйы алы кӕрӕттӕн дӕр зиан чи хӕссы, ахӕм сахар кӕй у, уый. Рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр уисӕн нӕ кӕны ӕмӕ дӕрӕнгонд дӕр уый аххосӕй ӕрцыдис.
Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сбӕлвырд кодтой, уыцы сахар рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр паддзӕхты ныхмӕ растынмӕ цӕттӕ кӕй уыд ӕмӕ-иу дзы уымӕ гӕсгӕ змӕстытӕ ӕмӕ хъӕлӕбатӕ кӕй рауадис, уый.
Кӕд паддзахӕн фӕндон уа, уӕд уым, Вавилоны, паддзахӕн цы чингуыты ӕвӕрӕндон ис, уым бацагурын кӕнӕд паддзах Киры уынаффӕ ӕмӕ нын, ӕцӕгӕйдӕр радта Кир Хуыцауы ацы хӕдзар аразыны бар Йерусалимы ӕви нӕ, уый фехъусын кӕнӕд».
Уыйадыл, Дарийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, сӕ хӕзнатӕ кӕм ӕфснайдтой, уым, Вавилоны, чингуыты ӕвӕрӕндоны, агурынтӕ райдыдтой.
Фӕхӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн фыд уыдтӕн, ӕнӕзонгӕйӕн-иу йӕ хъаст равзӕрстон лӕмбынӕг.
Ӕз зӕхх куы арӕзтон, уӕд ды кӕм уыдтӕ? Кӕд ӕй зоныс, уӕд дзуапп ратт.
«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:
Ӕз цы дӕн, цӕмӕй дын Дӕ фӕнд фауон, зонгӕ куы ницы кӕнын, уӕд? Цы не ’мбарын, уыдӕтты кой кодтон, мӕ зонд кӕй нӕ ахсы, уыцы диссӕгтыл дзырдтон.
Мыдӕн йӕ бирӕ хӕрд пайда куыд нӕу, афтӕ ’ппӕлӕн ныхасмӕ бӕллын дӕр хорз нӕу.
Арвы бӕрзӕндты, зӕххы арфы ӕмӕ паддзахы зӕрдӕйы цы ис, уый зонд нӕ ахсы.
Ӕз сфӕнд кодтон уӕлзонды фӕрцы, дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ бафӕлварын. Ацы ӕвзӕр хъуыддаг Хуыцау адӕмӕн бабар кодта, цӕмӕй тухӕн кӕной.
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъди, ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕм фӕсырдта сӕ зӕххӕй, ныронг дӕр уым сты“.
Сусӕг цы у, уый ис Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ; ӕргом цы у, уый та мыггагмӕ лӕвӕрд у махӕн ӕмӕ нӕ байзӕддагӕн, цӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнӕм ацы Ӕгъдауы алы дзырд дӕр.