19 Ӕмбыд дӕндаг кӕнӕ къуылых къах — мӕнгардыл дӕр бӕллӕхы бон уыдонау зӕрдӕ дарӕн нӕй.
Фӕнды уазал бон дӕ дарӕс лас, кӕнӕ содӕйыл дзымари ныккал, фӕнды ’нкъард зӕрдӕйӕн зарджытӕ кӕн.
Мысырмӕ бынтон дзӕгъӕлы у сӕ каст, ницы дзы рауайдзӕн ӕппындӕр. Уымӕ гӕсгӕ Ӕз Мысыры схуыдтон ӕнӕзмӕлгӕ Рахав.
Дӕ зӕрдӕ Мысырыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, уыцы хъӕзы цъӕл зӕнгыл дарыс. Уыйау у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.
Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!