Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 25:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Йӕ хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн чи ныллӕууы, уый у старц, кард ӕмӕ цыргъ фаты ’нгӕс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 25:18
12 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, ме ’взагӕн мын уромӕг сӕвӕр, мӕ дзыхы дуар мын бахъахъхъӕн.


Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.


Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.


Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.


Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.


Хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу — сайӕн ныхас ма схауӕд дӕ дзыхӕй.


Де ’рдхорды хӕдзармӕ ӕгӕр арӕх ма цу, науӕд дӕ куы стыхса, уӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ.


«Мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕн се ’взӕгтӕ фатау нылвӕстой, мӕнгдзинады фӕрцы стыхджын сты зӕххыл. Сӕ фыдбылызтӕн нӕй кӕрон. Нӕ зонынц Мӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Се ’взаг — мӕлӕтдзаг фат, сӕ дзыхтӕ — семыдзаг мӕнгдзинадӕй. Сыхаджы ӕрмӕст дзыхы ныхасӕй уарзынц, сӕ мидзӕрдӕйы та сӕвӕрынц ахсӕн хызтӕ.


Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дунейы ӕнгӕс. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ фӕчъизи кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы не ’ппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй ссудзы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan