16 Мыд куы ссарай, уӕд дзы ӕрмӕст, цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц бахӕр; фырхӕрд дзы куы бакӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ схӕццӕ уыдзӕн.
Дӕ комдзаг фӕстӕмӕ сомдзынӕ, дӕ хорз ныхӕстӕ уӕлдӕфы ацӕудзысты.
Де ’рдхорды хӕдзармӕ ӕгӕр арӕх ма цу, науӕд дӕ куы стыхса, уӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ.
Мыдӕн йӕ бирӕ хӕрд пайда куыд нӕу, афтӕ ’ппӕлӕн ныхасмӕ бӕллын дӕр хорз нӕу.
Рӕстӕй цӕрыныл, дӕ алы хъуыддаджы дӕр зондджын уӕвыныл ӕгӕр тынг ма архай, науӕд фесӕфдзынӕ.
Уый хӕрдзӕни нӕлхӕ ӕмӕ мыд, цалынмӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын райдайа, уӕдмӕ.
Уыдон уый бӕрц ӕхсыр дӕтдзысты, ӕмӕ ӕппӕт бинонтӕ дӕр царвӕй ӕфсӕст уыдзысты. Ацы зӕххыл ма чи баззайа, уыдон иууылдӕр царв ӕмӕ мыд хӕрдзысты.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.
Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ, уый бӕсты уӕхи йемыдзаг кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.