12 Сыгъзӕрин хъусцӕг, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фӕлындӕн — уыдоны ’нгӕс у куырыхоны уайдзӕф, лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уымӕн.
Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!
Сыгъзӕрин ӕмӕ авгӕй йын аргъ не скӕндзынӕ, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд мигӕнӕнтыл ӕй нӕ баивдзынӕ.
Ӕрбацыдысты йӕм йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ, йӕ раздӕры хорз зонгӕтӕ. Йемӕ фынгыл бадтысты йӕ хӕдзары ӕмӕ йын зӕрдӕтӕ ӕвӕрдтой, Дунедарӕг ын бӕллӕхтӕ кӕй бавзарын кодта, уый тыххӕй, алчидӕр ын балӕвар кодта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фӕйнӕ сыгъзӕрин къухдарӕны.
Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»
Аарон сын загъта: «Уӕ устытӕ, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕн сӕ хъусцӕджытӕ рафтаут ӕмӕ сӕ ардӕм ӕрбахӕссут».
Ӕрбацыдысты-иу нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, семӕ-иу ӕрбахастой сӕ зӕрдиаг лӕвӕрттӕ — сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ: фындзцӕгтӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ, фӕрдгуытӕ. Уыцы сыгъзӕринтӕ хастой Дунедарӕгӕн.
Ӕдылы йӕ фыды зондамынд ницӕмӕ дары, уайдзӕфтӕм лӕмбынӕг чи хъусы, уый зондджын у.
Хъусгӕ цы хъус кӕны ӕмӕ уынгӕ цы цӕст кӕны — иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
Ӕдзӕсгомӕн уайдзӕфтӕ ма кӕн, науӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ, куырыхонӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ дӕ уарздзӕн.
Ӕдылыйы зарджыты бӕсты куырыхоны уайдзӕфтӕм хъус.
Дӕ фындзыл дын бакодтон цӕг, дӕ хъустыл — хъусцӕджытӕ, дӕ сӕрыл та дын ӕркодтон рӕсугъд кады худ.
Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй хорзӕх рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыддзинады къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх.