11 Ӕвзист тӕбӕгъы — сыгъзӕрин фӕткъуытӕ — уыдоны ’нгӕс у афоныл загъд ныхас.
фӕцудӕгӕн ныфсы хос уыд дӕ ныхас, лӕмӕгъ къӕхтӕ-иу нал кодтой дыдӕгътӕ.
Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!
Раст дзуапп чи ратты, уый цыма былтӕн аба кӕны.
Хуыцауы ныхас амонӕг архайдта аив ныхӕстӕ ссарыныл, ӕмӕ, ӕцӕгдзинад цы дзырдты ис, уыдон ныффыста раст.
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй хорзӕх рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыддзинады къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх.
Давид райста Авигеайы хӕссинӕгтӕ ӕмӕ йын загъта: «Фарнимӕ цу дӕ хӕдзармӕ. Ӕз дӕм байхъуыстон, сӕххӕст дын кодтон дӕ курдиат».