Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 25:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕнӕ Соломоны иннӕ ӕмбисӕндтӕ, ӕрӕмбырд сӕ кодтой Иудейы паддзах Езекиайы барджынтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 25:1
10 Iomraidhean Croise  

Соломон ӕрымысыд ӕртӕ мин ӕмбисонды, иу мин ӕмӕ фондз та йӕм уыди зарджытӕ.


Соломоны, Израилы паддзах Давиды фырты, ӕмбисӕндтӕ:


Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


ӕмӕ дӕм дзӕгъӕлдзуйау фӕзындзӕн гӕвз, абырӕгау — мӕгуырдзинад.


Хуыцауы ныхас амонӕг куырыхон лӕг уыди, адӕмӕн-иу зонд амыдта; алцыдӕр бафӕлвӕрдта ӕмӕ басгӕрста, бирӕ ӕмбисӕндтӕ ныффыста.


Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.


Паддзах Езекиамӕ скъуыдтӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Йӕ галуаны бӕрнылӕг Елиакимы, нымӕрдар Шевнайы ӕмӕ хистӕр сауджынты, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй арвыста Амоцы фыртмӕ, пехуымпар Исайамӕ.


Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.


Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan