5 Куырыхон — тыхджын, бирӕзонаг — хъомысджын.
Ау, нал нӕ раздахдзынӕ цардмӕ, цӕмӕй Дӕ адӕм цин кӕной, Ды семӕ кӕй дӕ, ууыл?
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕн Дунедарӕджы фӕндаг — хъахъхъӕнӕг мӕсыг, фыдгӕнӕджы та тасы ’фтауы.
Куырыхон бӕгъатырты сахар басӕтдзӕн, сӕ зӕрдӕ цы фидарыл дарынц, уый сын ныззыгуым кӕндзӕн.
Тохы куы бацӕуай, уӕд уынаффӕтӕм хъус, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым — уӕлахиз.
Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты; ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.
Куырыхон йӕ зонды фӕрцы сахары дӕс хицауӕй тыхджындӕр у.
Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ мӕ тохвӕлтӕрд ӕмӕ хъомысджын ӕфсады ныхмӕ дӕ афтид ныхӕсты фӕрцы исты сарӕхсдзынӕ? Кӕмӕй дӕ ис ахӕм ныфс, ӕмӕ мӕ ныхмӕ ралӕууай?
Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.
цӕмӕй Йе стыр хъомысы фӕрцы фидар кӕнат, быхсаг ӕмӕ фӕразон суат.