Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 24:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 зонынады руаджы йӕ уӕттӕ байдзаг вӕййынц зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд исбонӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 24:4
16 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ уыцы уӕттӕм израилӕгты ӕмрӕнхъ левиттӕ дӕр хъуамӕ хӕссой хуынтӕ: дзул, сӕн ӕмӕ сой. Уым сты кувӕн мигӕнӕнтӕ, лӕггадгӕнӕг сауджынтӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр. Мах нӕ Хуыцауы хӕдзар нӕ ныууадздзыстӕм.


Дуры хуылфы фӕндаг айгӕрды ӕмӕ дзы хӕзнайӕ цы ис, уыдон басгары.


Рӕстуды хӕдзары бирӕ хӕзнатӕ ис, ӕнӕхуыцауӕн та йе ’фтиаг фыдбылыз ӕрхӕсдзӕн.


Дунейы ис сыгъзӕрин, ис налхъуыт-налмастӕ, фӕлӕ уыдонӕй зынаргъдӕр — бирӕзонаг ӕвзаг.


Куырыхоны хӕдзары зынаргъ ӕвӕрӕнтӕ ӕвидигӕ сты, ӕдылы та сӕ ’нӕвгъауӕй хардз кӕны.


Куырыхон — тыхджын, бирӕзонаг — хъомысджын.


Мӕнмӕ сты хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад, ӕвидигӕ фарн ӕмӕ рӕстдзинад.


цӕмӕй, чи мӕ уарзы, уыдонӕн аккаг хорзӕхтӕ балӕвар кӕнон, байдзаг сын кӕнон сӕ хӕзнадӕттӕ.


Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ къӕбицӕй ног дзаума дӕр ӕмӕ зӕронд дзаума дӕр чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan