32 Ӕз кастӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, мӕнӕ цы федтон ӕмӕ бамбӕрстон:
Уый аккаг у адӕймаг, ӕмӕ йӕ Ды афтӕ скадджын кӕнай ӕмӕ дзы Дӕ цӕст ма исай?
Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг фӕхъулон кӕны, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны. Ӕз Дунедарӕгмӕ куы скувын, уӕд мӕ Уый фехъусы!
Йӕ зӕхх какон сындзытӕй байдзаг, хӕмпӕлгӕрдӕджы бын фӕцис, дурӕй амад гӕрӕн ныккалди.
иу чысыл афынӕй кӕндзынӕ, чысыл арӕдзӕ-мӕдзӕ кӕндзынӕ, иу чысыл ницы кусгӕйӕ абаддзынӕ,
Мариа та сӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ сыл арф ныхъхъуыды кодта.
Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта.
Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.
Уыдӕттӕ та махӕн зондыхос сты — фыдӕхмӕ ӕмхиц ма уӕм, уыдон ӕм куыд ӕмхиц уыдысты, афтӕ.
Ӕгас Израил фехъусдзысты уыцы хабар, тас сыл бахӕцдзӕн, ӕмӕ ахӕм ми ничиуал бакӕндзӕн уе ’хсӕн.
Ӕмӕ йӕ сахары цӕрджытӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Фесафут фыддзинад уе ’хсӕнӕй! Ӕгас Израилы айхъуысдзӕн хабар, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр адӕргӕй нырриздзысты.
Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый.