30 Иу хатт фӕцӕйцыдтӕн магусайы хуымы цурты, ӕнӕзонд адӕймаджы сӕндоны рӕзты.
Ӕрбайхъус-ма, ӕмӕ дын радзурон, мӕхи цӕстӕй цы федтон,
Ӕрӕййӕфтон афтӕ: тӕригъӕды хуым-иу чи бакодта ӕмӕ-иу дзы фыддзинад чи байтыдта, уыдонӕн-иу сӕхи кӕрдинаг фӕци,
Уый афтӕ кӕй у, уый мах лыстӕг равзӕрстам. Ӕрбайхъус ӕмӕ йӕ бахынц».
Зондджынӕн йе ’взагыл уӕлзонд цӕры, ӕдылыйӕн та йӕ фӕсонтыл уисӕй над ауайы.
Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, ӕдылы та йӕ тутт бӕллицты фӕдыл зилы.
Магуса цӕмӕдӕрты бӕллы, фӕлӕ дзӕгъӕлы, ӕнӕзивӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц.
Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
Магусайӕн йӕ хӕдзары цар ӕркӕлы, зивӕггӕнагӕн къӕвда бон йӕ царӕй дон мизы.
Мӕ цыбыр царды алцыдӕр федтон: рӕстуд ӕвзӕрӕй ницы ракӕны, афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссары, тӕригъӕдджын та ’взӕр митӕ кӕны, афтӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг мӕлӕт ӕввахс нӕ цӕуы.