21 Мӕ лӕппу, Дунедарӕгӕй ӕмӕ паддзахӕй тӕрс, дӕхи хиз змӕнтджытӕй,
Хӕст анхъӕвзта ӕппӕт бӕстыл дӕр, ӕмӕ уыцы бон, цирхъӕй цас адӕм ныццагъды ис, уымӕй фылдӕр адӕм та хъӕды бабын ис.
Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ, Адониайы уазджытӕ фыр тӕссӕй сӕ бынӕттӕй фӕгӕппытӕ ластой ӕмӕ алырдӕмты фӕлыгъдысты.
Израилы адӕм куы федтой, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цы ма нын ис иумӕйагӕй Йессейы фыртимӕ? Ныххӕлиу ут уӕ цатыртӕм, Израилы адӕм! Ныр сӕ мыггаг сӕхи бар уӕд Давиды байзӕддагӕн!» Ӕмӕ Израилы адӕм аздӕхтысты сӕ цатыртӕм.
уӕд бамбӕрстой, Дунедарӕг уыдоны Йе стыр хъомысы амӕттаг кӕй бакодта, ӕмӕ сӕ стыр тас бацыди Дунедарӕджы раз. Баууӕндыдысты Дунедарӕгыл ӕмӕ Йӕ цагъар Моисейыл.
Фыдгӕнӕг ӕрмӕст змӕстмӕ тырны, ӕгъатыр зӕды йӕм рарвыстӕуыдзӕн.
Тӕригъӕдджынтӕм хӕлӕг ма кӕн, Дунедарӕджы раз дӕм тас уӕд кӕддӕриддӕр —
Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн».
Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕн, цӕмӕй коммӕ кӕсой хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр уой цӕттӕ,
Фӕлӕ фыр ӕфсӕрмӕй йӕ цӕсгом ссыгъди, Саулы фӕччи кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй.