19-20 Фыдгӕнджытӕм ма мӕсты кӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕм хӕлӕг ма кӕн, уымӕн ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн фидӕн нӕй, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цырагъ ахуысдзӕн.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.
Давиды псалом. Зӕрдыл дарынӕн.
Ӕнусон хӕлддзӕгтӕм ӕркӕс: ныддӕрӕн кодтой знӕгтӕ Кувӕндон.
Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
Тӕригъӕдджынтӕм хӕлӕг ма кӕн, Дунедарӕджы раз дӕм тас уӕд кӕддӕриддӕр —
Фыдзӕрдӕтӕм хӕлӕг ма кӕн ӕмӕ се ’хсӕнмӕ ма тырн,
уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг уый куы фена, уӕд Ын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы Йӕ маст аздахдзӕн.
ӕмӕ загъта дзыллӕйӕн: «Дард ацӕут ацы ӕнаккӕгты цатыртӕй ӕмӕ сын сӕ дзаумайӕ дӕр мацӕмӕ бавналут, кӕннод сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах дӕр бабын уыдзыстут».
Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.
Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.