17 Де знаг куы ’рхауа, уӕд ма цин кӕн ӕмӕ, куы фӕкӕла, уӕд дӕ зӕрдӕ ма райӕд,
Хевроны йӕ бавӕрдтой, ӕмӕ йыл паддзах йӕ зӕппадзы цур хъӕлӕсы дзагӕй куыдта. Йемӕ куыдтой ӕппӕт дзыллӕ дӕр.
Ау, искуы ӕз ме знаджы сӕфтыл ферадтӕн, искуы йын йӕ фыдбылызыл бацин кодтон?
Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг уый куы фена, уӕд Ын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы Йӕ маст аздахдзӕн.
Де ’фсымӕрыл фыдбылыз куы ’рцыд ӕмӕ йе сӕфты бон куы ралӕууыд, уӕд ӕм дӕуӕн райгондӕй кӕсын не ’мбӕлдис. Иудӕйы байзӕддагӕн се сӕфт куы ’рцыд, уӕд ууыл цин кӕнын ӕмӕ, фыдӕвзарӕнты куы бахаудысты, уӕд сыл худын не ’мбӕлди дӕуӕн.
Ме знаг, райгондӕй мӕм ма кӕс! Кӕд ахаудтӕн, уӕддӕр та сыстдзынӕн, кӕд мӕ алыварс баталынг ис, уӕддӕр Дунедарӕг у мӕ рухс.
Куы бахъӕлдзӕг сты, уӕд загътой: «Ӕрбакӕнут-ма Самсоны, уадз ӕмӕ нӕ ахудын кӕна!» Самсоны ахӕстонӕй ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕджындзты астӕу ӕрлӕууын кодтой.