14 Уӕлзонд дӕр ахӕм у дӕ удӕн, кӕд ӕй ссарай, уӕд дын ис фидӕн, дӕ зӕрдӕдарӕн сӕфт нӕ уыдзӕн.
Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.
Уӕлзонд дӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрдзӕн, ӕмӕ зонынад дӕ удӕн ӕхсызгон уыдзӕн.
уыдон дын дӕ зӕрдыл дарын ӕхсызгон уыдзӕн, уадз, ӕдзухдӕр де ’взагыл бадой.
уымӕн ӕмӕ дӕуӕн ис фидӕн, дӕ зӕрдӕдарӕн сӕфт нӕу.
Дӕ ныхас-иу сси мӕ хойраг, ӕз-иу ныццин кодтон Дӕ ныхӕстыл, мӕ зӕрдӕйӕн-иу циндзинад ӕрхастой, уымӕн ӕмӕ мыл сӕвӕрдӕуыд Дӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Йесо йын загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ мулк ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртӕн байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Фӕлӕ ахӕм нӕу, сӕрибардӕттӕг ӕнаипп ӕгъдау чи иртасы ӕмӕ йыл чи хӕцы, уыцы адӕймаг. Цы хъусы, уый ӕрмӕст йӕ зӕрдыл нӕ дары, фӕлӕ ма йӕ ӕххӕст дӕр кӕны. Ахӕм адӕймаг тӕхудиаг уыдзӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр.