11 Марынмӕ кӕй фӕкӕнынц, уыдоны фервӕзын кӕн, сӕфты къахыл чи лӕууы, уыдонӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.
Фыдлӕджы ӕфсӕртӕ-иу ныссастон, йӕ дзыхӕй-иу ын йӕ амӕттаджы скъахтон.
Дӕ адӕмы ныхмӕ Дын сарӕзтой фыдвӕнд. Дӕ базыры бын кӕй бакодтай, уыдоны ныхмӕ уынаффӕтӕ кӕнынц.
Дӕ паддзахы бадӕны бындур — рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон; Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад цӕуынц Дӕ разӕй.
Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»
Уӕд иууылдӕр синагогӕйы хицау Сосфеныл сӕхи ныццавтой ӕмӕ йӕ тӕрхондоны раз нӕмын райдыдтой. Фӕлӕ Галлион уый хъуыды дӕр не ’ркодта.
Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.